“Дзуар“ / “Святое место“ / “Holy place“

Кинойы архайд цæуы 70-æм æзты Цæгат Ирыстоны хæххон шахтерты поселоччы. Сæйраг архайæг Батрадз, 12 -аздзыд лæппу, йæ чызг-æмбалы цæсты ахадыны охыл, адджинæгтæй йын хъуамæ фенын кæна. Сывæллон мæгуыр бинонты ’хсæн хъомыл кæны. Йæ ныййарджытæ бонæй-æхсæвæй кусгæ кæнынц æмæ алы капек дæр нымайынц. Батрадз удуæлдй мийыл сразы вæййы æмæ дзуары бынæй æхца радавы. Уыцы бынат йæ цæрæнмæ хæстæг ис æмæ ауды æнæхъæн комбæстæйыл. Уый хæдфæстæ рæгъæй лæппуйыл æрцæуынц мистикон цаутæ. Верæ, Батрадзы мад чи у, йæ фырты къахы, цы ’рцыди зæгъгæ, фæлæ йын нæ сæтты. Æрмæст ма, дæснымæ йæ акæной, æндæр хос ын нæ зонынц. -----------------------------
Back to Top