140 псалом иронау. На осетинском языке.

О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзурын: тагъддӕр мӕм ӕрцу.       Куы Дӕм фӕкувын, уӕд-иу фехъус мӕ хъӕлӕс.  Мӕ куывд фӕхӕццӕ уӕд Дӕ размӕ       буды хӕрздӕфау;       мӕ къухтӕ Дӕм куы сдарын, уӕд иу ӕй айс       изӕры нывондӕн.  О Дунедарӕг, уромӕг сӕвӕр ме ’взагӕн,       мӕ комы дуар мын бахъахъхъӕн.  Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ       мá аздӕха фыдӕхмӕ,       ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыцы фыдлӕгты хъуыддӕгты       архайаг мá уон;       хорз сӕм цы кӕсы, уымӕй хай мá райсон.  Уадз, мӕ а́зым мын зӕгъа рӕстгӕнӕг,       уый – хорзӕх у;       уадз ӕмӕ мын бауайдзӕф кӕна –       уый хӕрздӕф зети у мӕ сӕрӕн,       мӕхи дзы нӕ аиуварс кӕндзынӕн.       Фӕлӕ мӕ кувын фыдлӕгты миты ныхмӕ у.  Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты къӕдзӕхтӕй ӕмӕ уӕд бамбардзысты,       мӕ ныхӕстӕ ахсджиаг кӕй уыдысты, уый.  Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Зӕхх куыд бахуым кӕнынц       ӕмӕ йын йӕ къуыбӕрттӕ куыд фехалынц,       афтӕ згъӕлынц не стджытӕ дӕр       гом ингӕны былмӕ».  Фӕлӕ мӕнӕн та Дӕумӕ у мӕ каст,       мӕ Хицау Хуыцау;       Дӕумӕ ссарын фи
Back to Top