Ног азй Дзуджыхъуы снысан кндзысты туристон хъалон

Ног азæй Дзæуджыхъæуы снысан кæндзысты туристон хъалон. Æнæмæнг, фæрæзтæ, кæцытæ исдзысты фысымуæтты æфтиæгтæй. Фиддоны бæрц уыдзæн лæггады 1%, фæлæ 100 сомæй къаддæр нæ. Ногдзинадæй пайда кæндзысты цадæггай. 2026-æм азы уыдзæн 2%, 2027-æм азы æртæ, 2029-æм азæй та йæ бæрц суыдзæн 5%. Æххæст сæ кæндзысты компанитæ, хицæн адæймæгтæ, кæцытæ рæстæгмæ цæрæн бынат хаццоны дæтдзысты. Уыимæ лæггæдты аргъ хъуамæ нысангонд æрцæуа реестры. Æфтиæгтæ бахæсдзысты республикæйы бюджетмæ. Схардз сæ кæндзысты иумæйаг туристон æмæ æхсæнадон фæзуат саразыныл, туристон бренд скæныныл æмæ парахат кæныныл, горæты инфраструктурæ фæхуыздæр кæныныл. Налогы фæрцы базарады æппæт архайджытæн дæр скæндзысты æргом æмæ рæзынæн æмбæлгæ уавæртæ. Уый ’руаджы сбæрæг уыдзысты ацы къабазы закъоны сæрты цы амалхъомтæ архайынц, уыдоны. Дзуапдæттæг комитеты радзырдтой, ногдзинад курортон æмбырдæй цæмæй хицæн кæны, уый.
Back to Top