Фыр æмæ сидзæр лæппуйы аргъау I Алæмæты аргъæуттæ

Сидзæр лæппу аирвæзын кодта фыры ‘ргæвдынæй æмæ иумæ ацыдысты лæппуйы хæдзарæй. Рæстæг рацыд æмæ ныр та лæппу бахауди зын уавæры. Ахастой йæ къулбадæг ус æмæ йæ фырт авд æфцæджы сæрты. Аирвæздзæн лæппу æви нæ? Ацы аргъау хæлардзинады тыххæй у. Нæ дыууæ хъайтары кæрæдзийы цур æрбалæууыдысты зын сахат. Æмæ уымæй ахсджиагдæр цы ис? Сидзæр лæппу аирвæзын кодта фыры æргæвдынæй, уый та лæппуйы фервæзын кодта къулбадæг ус æмæ йæ фырты уацарæй. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top