1991 азы 7 январь Хуссар Ирыстоны ног историйы фыст æрцыд «Тугæйдзаг Цыппурс» -æй.

Цыппурсы райдзаст бæрæгбон Хуссар Ирыстоны адæмæн баст у уæззау æмæ трагикон цаутимæ. Уыцы бон, 1991 азы, райдыдта нæ адæмы гарзджын тох гуырдзиаг националистты ныхмæ. Æппæт дунейы Чырыстийы райгуырды бæрæгбон куы нысан кодтой, уæд Гуырдзыстоны хицауады фæнд та уыд Хуссар Ирыстоны адæмы басæттын. Уыцы уæззау рæстæджы нæ адæм кæд ныхæй- ныхмæ баззадысты знагимæ, уæддæр нæ фæтасыдысты æмæ аккаг ныхкъуырд дæттой фыдгулæн. Адæмы, уæлдайдæр нæ фæсивæд хъæбатырдзинад уынгæйæ, гуырдзиаг националисттæ лидзинаг фесты горæтæй. Уый уыдис нæ адæмы фыццаг уæлахизтæй сæ иу æмæ бындур æрывæрдта нæ абоны сæрибар æмæ хæдбар паддзахадæн. Сайт ГТРК «Ир» -
Back to Top