Ахæм хабæрттæ// 2022/ 20 сентября

Хъола 20 азы фæстæ. Цæгат Ирыстоны мысынц 2002 азы трагедийы амæттæгты. Джызæлы цур цыртдзæвæнмæ цæуынц, æбæрæгæй чи фесæфт æмæ фæмард, уыдоны хиуæттæ, хицауады уæнгтæ, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ. Наукон чиныгдоны фыццаг хатт равæрдтой Библи ирон æвзагыл. Тæлмац æй кодтой 20 азæй фылдæр. Хуыздæрты схорзæх кодтой “Ирыстоны намысы“ майдантæй æмæ Кады гæххæттытæй. Æмгъуыдæй раздæр. Æрыдоны районы бындурон рацарæзты фæстæ сæ дуæрттæ байгом кодтой дыууæ скъолайы. Бæстыхæйттæ сног кодтой, инженерон хызæгтæ дæр уæдæ баивтой. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top