Ахæм хабæрттæ// 2021/ 26 октября

Коронавирусимæ баст уавæр Цæгат Ирыстоны нырма у зæрдæхсаинаг. Дохтыртæм æххуысагур æрбацыд 80 адæймагæй фылдæр. Тæссаг низы аххосæй фæстаг суткæмæ, хъыгагæн, амард ноджы 8 адæймаджы. Цæгат Ирыстоны автопарк фæхъæздыгдæр 17 ног автобусæй. Транспорт байуардзысты Дзæуджыхъæуы 13 скъолайыл, уыимæ Горæтгæрон æмæ Æрыдоны районтыл. 19-æм ӕнусы фыст мемуартæм гæсгæ арæзт куклаты равдыст байгом национ музейы. Æдæппæтæй дзы фенæн ис 25 экспонаты. Дисы цæмæй æфтауынц, уый тыххæй радзурдзыстæм чысыл фæстæдæр. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top